Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Се 'фтиагыл зӕрдӕ дарӕн кӕй нал ис, уый чызджы хицӕуттӕ куы федтой, уӕд ӕрцахстой Павел ӕмӕ Силӕйы, ӕмӕ сӕ лӕгдыхӕй акодтой сӕйраг фӕзмӕ сахары сӕргълӕуджытӕм. Бакодтой сӕ сахары хицӕуттӕм ӕмӕ загътой: «Ацы лӕгтӕ иудейтӕ сты ӕмӕ змӕнтынц нӕ сахар. Хӕлиу кӕнынц, махӕн, ромӕгтӕн, барвӕссинаг чи нӕу ӕмӕ нын ӕххӕст кӕнын кӕй не 'мбӕлы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ». Павелы ӕмӕ Силӕйы ныхмӕ ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Уӕд сахары хицӕуттӕ радтой бардзырд, цӕмӕй дыууӕйӕн дӕр сӕ дарӕс сӕ уӕлӕйӕ ӕррӕмудзой ӕмӕ сӕ лӕдзджытӕй фӕнӕмой. Дзӕбӕх сӕ куы фӕнадтой, уӕд сӕ баппӕрстой ахӕстоны, ӕмӕ хъахъхъӕнӕгӕн бафӕдзӕхстой къӕрцхъусӕй сӕ хъахъхъӕнын. Ахӕм бардзырд куы райста, уӕд сӕ баппӕрста ахӕстоны рӕбинаг хаймӕ ӕмӕ сын сӕ къӕхтыл бакодта хъадамантӕ. Павел ӕмӕ Силӕ ахызтысты Амфиполыл ӕмӕ Аполлонийыл, ӕрцыдысты Фессалоникӕмӕ. Ам уыди иудейаг синагогӕ. Павел ацы хатт дӕр йӕ ахуыр нӕ фехӕлдта, бацыд синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта. Сыгъдӕг Фыстӕй-иу сын ӕрхаста бынӕттӕ, Ӕмбарын сын сӕ кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй уыцы бынӕтты руаджы баууӕндой, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид, ууыл. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ баууӕндыдысты ӕмӕ баиу сты Павел ӕмӕ Силӕимӕ. Уыдонимӕ ма баууӕндыдысты, Хуыцауы чи нымадта, уыцы бердзентӕй тынг бирӕ, стӕй уӕздан сылгоймӕгтӕй дзӕвгар. Уӕд иудейтӕ сӕ фырхӕлӕгӕй сахары уынгтӕй ӕрӕмбырд кодтой бирӕ цъаммар лӕгты ӕмӕ сызмӕстой ӕппӕт сахар. Балӕбурдтой Иасоны хӕдзармӕ ӕмӕ архайдтой Павел ӕмӕ Силӕйы адӕммӕ ракӕныныл. Сымах архайут, ӕз кӕм архайдтон, уыцы тохы. Куыд тох кодтон, уый сымах федтат, ныр та хъусут, абон дӕр мӕ тох кӕй нӕма фӕци, уый. Ӕз уый сӕраппонд кусын ӕмӕ мӕхи хъарын, Чырысти мын кӕмӕй хай кӕны, Йӕ уыцы домбай хъаруйӕ. Уымӕн ӕмӕ уын нӕ фарны уац мах хъусын кодтам ӕрмӕст ныхасӕй нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ бирӕ ӕвдисӕйнӕгтимӕ. Уӕхӕдӕг зонут, сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уӕ сӕраппонд нӕхи куыд дардтам, уый.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода