Иуцасдӕр нӕ ныридӕгӕн дӕр куыд бамбӕрстат, афтӕ: нӕ Хицау Йесойы ӕрцӕуыны бон сымах буц уыдзыстут махӕй, мах та – сымахӕй.
Парахат кӕнут царддӕттӕг ныхас. Ӕмӕ Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд мӕ бон раппӕлын уыдзӕни, мӕхи дзӕгъӕлы кӕй нӕ хъардтон ӕмӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ куыстон, уымӕй.
Уӕдӕ зӕрдӕйӕ кӕй уындмӕ бӕллын, мӕ цин ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг чи у, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕртӕ, фидар лӕуут, Хицауыл ӕууӕндгӕйӕ.