Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыцы бонты адӕм сӕхӕдӕг агурдзысты мӕлӕт, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. Бӕлдзысты мӕлӕтмӕ, фӕлӕ йӕ нӕ фендзысты. Хуыцау уӕ кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, уый равдисынӕн уал уын бахай кодта Йӕ Сыгъдӕг Удӕй, ӕмӕ уыцы Уды хъыджы ма цӕут. Цыппар уӕларвон удгоймаджы кӕм уыдысты, уырдыгӕй мӕм райхъуыст адӕймаджы хъӕлӕсау: «Мӕнӕуы къус динарыл, хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл, зети ӕмӕ сӕнӕн та знаггад ма ракӕн». Уыдонӕн бафӕдзӕхстӕуыд знаггад нӕ кӕнын нӕдӕр зӕххон кӕрдӕгӕн, нӕдӕр зайӕгхалӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн, фӕлӕ йӕ тӕрныхыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд кӕмӕн нӕй, ӕрмӕст уыцы адӕмӕн. Ӕз федтон: мӕнӕ Сионы хохыл лӕууы Уӕрыкк; Йемӕ сты, Йӕ ном ӕмӕ Йӕ Фыды ном кӕй тӕрныхтыл фыст ис, уыцы сӕдӕ цыппор цыппар мины. Уыдон паддзахы бадӕны раз, цыппар уӕларвон удгоймаджы ӕмӕ цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры раз зарынц ног зарӕг. Зӕххон адӕмы ӕхсӕнӕй цы сӕдӕ цыппор цыппар мины балхӕдӕуыд, уыдоны йеддӕмӕ уыцы зарӕг сахуыр кӕнын никӕй бон уыд. Фендзысты Йын Йӕ цӕсгом, ӕмӕ Йӕ ном фыст уыдзӕн сӕ тӕрныхтыл.
Выбор основного перевода