Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕлахиздзау уыдонау скӕндзӕн урс-урсид дарӕс, ӕмӕ йын йӕ ном царды чиныджы нӕ ахахх кӕндзынӕн. Мӕ Фыды ӕмӕ Йӕ зӕдты раз ӕй Ӕз банымайдзынӕн мӕхионыл. Уынаффӕ дын кӕнын: арты чи ссыгъдӕг, Мӕнӕй ахӕм сызгъӕрин балхӕн ӕмӕ схъӕздыг уай; стӕй балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр Мӕнӕй балхӕн хос ӕмӕ дзы байсӕрд дӕ цӕстытӕ. Паддзахы бадӕны алыварс – цыппар ӕмӕ ссӕдз паддзахы бадӕны. Уыцы паддзахы бадӕнты бадтысты цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уыди сыл урс-урсид дарӕс, сӕ сӕртыл та – сызгъӕрин кадыхудтӕ. Уӕд сӕ алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыд урс-урсид дарӕс ӕмӕ сын загъдӕуыд, цӕмӕй банхъӕлмӕ кӕсой иуцасдӕр, зӕххыл ма уыдонау кӕй хъуамӕ амардӕуа, сӕ уыцы ӕмкусджытӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цалынмӕ нымӕц баххӕст кӕной, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ ӕз федтон, нымайын дӕр кӕй ничи бафӕрӕзтаид, уыйбӕрц дзыллӕ алы адӕмыхӕттытӕй, алы мыггагӕй, алы адӕмтӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй – сӕ къухы палмӕйы къалиутимӕ урс-урсид дарӕсы лӕууыдысты паддзахы бадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз. Хуыцауы раз сӕ паддзахы бадӕнты чи бады, уыцы цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры адӕлгом сты ӕмӕ бакуывтой Хуыцаумӕ:
Выбор основного перевода