Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Бӕргӕ сын куы ныббарис сӕ тӕригъӕд! Кӕд нӕ, уӕд мӕ ном дӕр сис, кӕм ӕй ныффыстай, Дӕ уыцы чиныгӕй». Хуыцау загъта Моисейӕн: «Йӕ тӕригъӕдӕй Мӕ хъыджы чи бацыд, уыдоны нӕмттӕ сисдзынӕн Мӕ чиныгӕй. Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Климент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон мӕнимӕ иумӕ тох кодтой фарны уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд. Уӕлахиздзау уыдонау скӕндзӕн урс-урсид дарӕс, ӕмӕ йын йӕ ном царды чиныджы нӕ ахахх кӕндзынӕн. Мӕ Фыды ӕмӕ Йӕ зӕдты раз ӕй Ӕз банымайдзынӕн мӕхионыл. Ды Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕны рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй.
Выбор основного перевода