Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут. Цытӕ кодта, уыдӕтты тыххӕй йын бафидут дывӕрӕй. Сӕн цы кӕхцы цӕттӕ кодта, уым ын ӕрцӕттӕ кӕнут дыууӕ хатты карздӕр сӕн.
«Додоййаг фӕдӕ, додоййаг, уӕздан кӕттагӕй, сырх ӕмӕ сӕнтсырх хъуымӕцтӕй дарӕс кӕуыл ис, сызгъӕринӕй ӕмӕ налхъуыт-налмасӕй фӕлыст чи у, уыцы стыр сахар!