Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ралӕууыд Сӕ фыдӕхы стыр бон ӕмӕ йын чи бафӕраздзӕн?» Муртатты маст рафыхт, ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар, мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны, Дӕ цагъар пехуымпартӕн, сыгъдӕджытӕн, Дӕуӕй тӕрсджытӕн – хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн – мызд раттыны, бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг». Ӕмӕ арвыл фӕзынди стыр ӕвдисӕйнаг: йӕ дарӕс хурӕй кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймаг. Йӕ къӕхты бын – мӕй, йӕ сӕрыл – кадыхуд дыууадӕс стъалыйӕ. Арвыл фӕзынд ӕндӕр ӕвдисӕйнаг дӕр: ӕртхуыз стыр залиаг калм авд сӕримӕ ӕмӕ дӕс сыкъаимӕ, йӕ сӕртыл авд кадыхудимӕ. Уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй, сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕн сондонӕй арты. Уӕздан кӕттагӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕрттиваг дарӕсы, сӕ риутыл сызгъӕрин рӕттимӕ, Кувӕндонӕй рацыдысты авд зӕды авд рынимӕ. Кувӕндонӕй мӕм райхъуыст, авд зӕдӕн хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Марадз, Хуыцауы фыдӕхы авд кӕхцы акалут зӕхмӕ!»
Выбор основного перевода