Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ уый Мӕ Туг у – уымӕй фидаргонд цӕуы ног фидыд, ӕмӕ акӕлдзӕни бирӕтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны сӕраппонд. Сыстад фынгӕй, раласта Йе 'ддаг дарӕс, райста хисӕрфӕн ӕмӕ йӕ ӕрбабаста Йӕ астӕуыл. Уӕдӕ уын кӕд Ӕз, Хицау ӕмӕ Ахуыргӕнӕг, уӕ къӕхтӕ цӕхсадтон, уӕд сымах дӕр хъуамӕ ӕхсат уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ. Фӕлӕ Йӕхӕдӕг Йӕхи сгӕвзыкк кодта – схайджын цагъары ӕрдзыхъӕдӕй, сси адӕймаджы халдих, ӕмӕ бакастӕй дӕр уыд адӕймаджы хуызӕн. Ӕппӕт адӕмы ссӕрибары тыххӕй Уый Йӕхи ӕрхаста нывондӕн – уымӕй Хуыцауы фӕндон равдыстӕуыд Йӕхи нысангонд ӕмгъуыдыл. Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм. Афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕн тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ. Фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы – Чырыстийы зынаргъ Тугӕй.
Выбор основного перевода