Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Иерусалиммӕ ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухтӕй; амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн. Амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Ахуыргӕнинӕгтӕ тынг фенкъард сты. Уӕд Ӕй сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ радтой иудейаг бӕстӕйы хицау Пилаты къухтӕм. Загъта ма сын: «Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». „Адӕймаджы Фырт хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа тӕригъӕдджын адӕмы къухтӕм, байтындздзысты Йӕ дзуарыл ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн"». Ӕмӕ сын загъта: «Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид; Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йесо лӕвӕрд ӕрцыд сымахмӕ, ӕмӕ Йӕ муртатты къухтӕй бахуыдтат дзуармӕ ӕмӕ Йӕ амардтат. Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, снамысджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы – Йесо Чырыстийы. Сымах Ӕй радтат амарынмӕ, ӕмӕ Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд Ыл йӕ разы уӕхи атигъ кодтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау райгас кодта ӕртыккаг бон ӕмӕ Йын Йӕхи равдисын кодта адӕммӕ, Уыди ныгӕд ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас, Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ.
Выбор основного перевода