Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ. Уӕдӕ уын мачи тӕрхон кӕнӕд, цы хӕрут ӕмӕ цы нуазут, стӕй иставӕр бӕрӕгбон, мӕйноджы бӕрӕгбон кӕнӕ сабат кӕй нӕ бӕрӕг кӕнут, уый тыххӕй. Се 'нӕхъуаджы сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕдтӕн кувынӕй зӕрдӕрухс чи у, уыдонӕй уӕ исчи уӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕд. Уыдонӕн сӕ дины бындур мӕнг цӕстылуайӕнтӕ сты. Ахӕмтӕ дзӕгъӕлы сӕрыстыр сты сӕ зӕххон зондӕй. Кӕд сымах Чырыстиимӕ амардыстут ӕмӕ а дунейы ӕгъдӕуттӕй ссӕрибар стут, уӕд ма, цыма дунейы цӕрут, уыйау цӕмӕн кӕсут уыдоны коммӕ: Ахӕм уагӕвӕрдтӕ ӕрхъуыдыгонд динимӕ, ӕгӕр сӕрныллӕгимӕ ӕмӕ буар ӕнӕхъуаджы домынимӕ ӕддаг бакастӕй зондджын зынынц, ӕцӕгӕй та тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдыл сӕ бон нӕ цӕуы. Ӕмӕ ма хъусой иудейаг аргъӕуттӕм ӕмӕ ӕцӕгад ныууадзӕг адӕмы амындтӕм.
Выбор основного перевода