Саррӕ басывӕрджын, ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн кӕдмӕ загъта, уыцы ӕмгъуыдмӕ Авраамӕн йӕ зӕронды бонты ныййардта фырт.
Уый фӕстӕ райгуырд йе 'фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыд йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕ; ӕмӕ йыл сӕвӕрдтой Иаков. Куы райгуырдысты, уӕд Исаакыл цыдис ӕртиссӕдз азы.
Мӕнӕ Симы байзӕддӕгтӕ: Симыл цыди фондзыссӕдз азы, ӕмӕ йын доны хъаймӕтӕй дыууӕ азы фӕстӕ райгуырд Арфаксад.