Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо та-иу ацыди хибар рӕттӕм ӕмӕ куывта. Уыцы рӕстӕг Йесо хохмӕ ссыди бакувынмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв уым куывта Хуыцаумӕ. Иухатт Йесо куывта хибарӕй; Йемӕ уыдысты ӕрмӕстдӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Йесо сӕ бафарста: «Кӕуыл Мӕ нымайынц адӕм?» Уыцы ныхӕстыл аст боны бӕрц куы рацыд, уӕд Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иоанны ӕмӕ Иаковы, ӕмӕ хохмӕ ссыди бакувынмӕ. Иухатт Йесо иу ран куы куывта ӕмӕ куывд куы фӕци, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Хицау, сахуыр нӕ кӕн кувын, Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд сахуыр кодта, афтӕ».
Выбор основного перевода