Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕдӕ Хуыцауӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕгъстӕ чи кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ Йӕм бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой? Ӕмӕ ӕрмӕст дуне нӕ, фӕлӕ мах нӕхӕдӕг дӕр хъӕрзӕм хинымӕр. Мах райстам Хуыцауы хорзӕхтӕн сӕ фыццаг – Сыгъдӕг Уд, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ кӕд сараздзӕн ӕмӕ нӕ буар мӕлӕтӕй кӕд фервӕздзӕн, уымӕ. Уыимӕ зонут, махӕн ныридӕгӕн кӕй ралӕууыд нӕ фынӕйӕ райхъалы афон. Уымӕн ӕмӕ куы баууӕндыдыстӕм, уӕдӕй нӕм ныр ӕввахсдӕр у ирвӕзындзинад. Иудадзыг цин кӕнут, Чырыстиимӕ кӕй стут, ууыл; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын – цин кӕнут.
Выбор основного перевода