Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ».
Мӕнӕ Уый ӕрцӕуы ӕврӕгътимӕ, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныдздзыназдзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ. Бӕгуыдӕр, афтӕ уыдзӕн! Амен.