Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ нын Хицау афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз Дӕ радтон муртаттӕн рухсӕн, цӕмӕй ӕгас дуне фервӕза Дӕ фӕрцы"». Ома, Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас уыдзӕн, ӕрхӕсдзӕн рухс иудейаг адӕмӕн ӕмӕ муртаттӕн». Уыцы дурыл чи ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъӕл кӕндзӕн». Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дардта уырнындзинадыл нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгтыл. Израилы адӕм фӕкалдысты, фӕкӕлӕн цы дурыл ис, ууыл, Мах та хъусын кӕнӕм дзуарыл тыгъд Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ нӕ ныхас иудейтӕн цӕлхдур у, муртаттӕ та йӕ ӕнӕзондыл нымайынц. Иутӕн уый у мӕлӕты тӕф мӕлынӕн, иннӕтӕн та – царды хӕрздӕф цӕрынӕн. Адӕмӕй исчи разындзӕн, мыййаг, ахӕм куысты аккаг? Уӕдӕ Уый сымахӕн, уырнджытӕн, хӕзна у, ӕнӕуырнджытӕн та у, «аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ сӕрӕвӕрӕн чи сси», «кӕуыл фӕкӕлынц ӕмӕ ахауынц, уыцы дур».
Выбор основного перевода