Фӕлӕ уыдон уыцы ныхӕстӕ не 'мбӕрстой, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.
Фӕлӕ уыдон уыцы ныхӕстӕ не 'мбӕрстой – ӕргом сын нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой; уыцы ныхӕстӕй Йӕ бафӕрсын та нӕ уӕндыдысты.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Уый нын цы зӕгъы: „Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ рӕхджы ногӕй фендзыстут", ӕмӕ: „Ӕз Мӕ Фыдмӕ цӕуын"?»