Йесо сын загъта: «Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн хӕлар куы уаид. Ӕмбисӕхсӕв куы бацӕуид уыцы хӕлармӕ ӕмӕ йын куы зӕгъид: „Мӕ хӕлар, ратт мын ӕртӕ дзулы ӕфстау.
Уӕ зӕрдӕдарӕн уын уӕд циныхос; уӕ зынты ут фӕразон, кувут ӕнувыдӕй.
Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.
Кувут ӕнувыдӕй, зӕрдиагӕй ӕмӕ Хуыцауӕй бузныгӕй.