Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ кӕд Ӕз Хуыцауы Уды хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уӕм, бӕгуыдӕр, ӕрхӕццӕ Хуыцауы Паддзахад. Адӕм байхъуыстой, цы загъта, уымӕ. Йесойы Иерусалиммӕ бирӕ кӕй нал хъуыд, уымӕ гӕсгӕ уыдон ӕнхъӕл уыдысты, Хуыцауы Паддзахад рӕхджы ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ма сын уый тыххӕй Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас дӕр. Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн Хуыцауы Паддзахад фенын йӕ бон нӕ бауыдзӕн». Йесо дзуапп радта: «Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд Мӕ фӕсдзӕуинтӕ тох кодтаиккой, Ӕз иудейты къухтӕм куыд нӕ бахауон, ууыл. Фӕлӕ Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу». Йӕ тухӕнты фӕстӕ Йесо бирӕ хӕттыты ӕрцыд апостолтӕм ӕмӕ сын бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй равдыста, ӕцӕг кӕй райгас, уый. Йӕхи сын уынын кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Апостолтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Ӕй бафарстой: «Хицау, Израилы паддзахад йӕ къӕхтыл ныртӕккӕ слӕууын кӕндзынӕ?» Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хӕрд ӕмӕ нозт нӕу. Рӕстгӕнӕджы цардӕй цӕрын, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы фарн ӕмӕ цин – уый у Хуыцауы Паддзахад. Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъаруйӕ у.
Выбор основного перевода