Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕры [ӕмӕ нуазы]?» Левий йӕ хӕдзары Йесойӕн ӕрӕвӕрдта хъӕздыг фынг. Фынгыл Йемӕ бадтысты бирӕ хъалонисджытӕ, стӕй ма бирӕ ӕндӕртӕ. Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъут: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн". Йесойы бахонӕг фарисей уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай пехуымпар куы уаид, уӕд Ӕм чи ӕмӕ цавӕр сылгоймаг ӕвналы, уый зонид, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тӕригъӕдджын у».
Выбор основного перевода