Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕдӕ кӕд сымах Чырыстиимӕ райгас стут, уӕд тырнут уӕлӕрвтӕм, Чырысти Хуыцауы рахиз фарс кӕм бады, уырдӕм. Фырт у Хуыцауы намысы тӕмӕнкалгӕ рухс; Фыды ӕмӕ Фырты ӕрдзыхъӕд иу у. Фырт ӕппӕтыл дӕр хӕцы Йӕ тыхджын ныхасӕй; мах ссыгъдӕг кодта тӕригъӕдтӕй ӕмӕ уӕлӕрвты сбадти Дунедарӕджы рахиз фарс. Ӕмӕ Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй. Мӕ хъӕбултӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти.
Выбор основного перевода