Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ неппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви?
Уый Чырыстийы руаджы мах сӕвзӕрста дуне сфӕлдисыны размӕ, Йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп куыд уӕм.
Ӕппӕт дӕр Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ Чи кӕны, уыцы Хуыцау рагацау куыд снысан кодта, афтӕ Чырыстийы фӕрцы мах сӕвзӕрста Йӕхицӕн адӕмӕн,
Хуыцау афтӕ бакодта, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ цы снысан кодта, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ Йӕ уыцы фӕндон сӕххӕст кодта нӕ Хицау Йесо Чырыстийы руаджы.