Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдон тӕрхонгонд никуы уыдзысты. Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй. Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау – рарвыста Йӕ Фырты. Фырт райста адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн ӕрдзыхъӕд; ӕмӕ Йӕ ӕрхастӕуыд нывондӕн тӕригъӕды тыххӕй. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн, Цӕмӕй Ӕгъдау цы рӕстдзинад домы, уый сӕххӕст уа нӕ царды – мах цӕрӕм тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕсӕй. Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕ тырнынц, сӕ ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ; Удӕн коммӕгӕстӕ та тырнынц, Уды цы фӕнды, уымӕ. Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнын мӕлӕт у; Уды цы фӕнды, уымӕ тырнын та – цард ӕмӕ фарн. Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнӕг Хуыцауӕн знаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгъдауӕн нӕ сӕтты, стӕй йӕ бон басӕттын дӕр нӕу. Уӕдӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕн Хуыцауы зӕрдӕ балхӕнын сӕ бон нӕу. Сымах та уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕс не стут, фӕлӕ – Удӕн, кӕд Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд. Кӕд искӕмӕ Чырыстийы Уд нӕй, уӕд уый та Чырыстийы нӕу. Фӕлӕ кӕд Чырысти уӕ зӕрдӕты ис, уӕд уын Уд дӕтты цард, Хуыцауимӕ фидыд кӕй стут, уый тыххӕй, кӕд уӕ буар тӕригъӕды аххосӕй мӕлӕтон у, уӕддӕр. Йесойы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕджы Уд кӕд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд Чырыстийы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕг райгас кӕндзӕн уӕ мӕлӕтон буӕрттӕ дӕр, уӕ зӕрдӕты Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы. Бузныг Хуыцауӕй – Уый нын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы руаджы дӕтты уӕлахиз!
Выбор основного перевода