Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Хорз куы кӕнай, уӕд дӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕсдзынӕ, ӕви? Хорз куы нӕ кӕнай, уӕд та тӕригъӕд дӕ къӕсӕрыл ӕрӕмбӕхст; хъавы дӕм, фӕлӕ йӕ ды уӕлӕмӕ скӕсын ма бауадз». Фӕлӕ ӕз уынын: мӕ туджы ис ӕндӕр ӕгъдау. Уыцы ӕгъдау тох кӕны, мӕ зонд цы ӕгъдауы фарс у, уый ныхмӕ; ӕмӕ ӕз свӕййын, мӕ туджы цы тӕригъӕдджын ӕгъдау ис, уымӕн йӕ уацайраг. Хуыцауы йеддӕмӕ ничи – бузныг Дзы дӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы руаджы. Уӕдӕ ӕз уыциу адӕймаг дӕн, фӕлӕ мӕ зондӕй кусын Хуыцауы ӕгъдауӕн, тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй та – тӕригъӕды ӕгъдауӕн. Фӕлӕ алкӕй дӕр ракъахы йӕхи монц, сцыбӕл ӕй кӕны ӕмӕ бахауы йӕ къӕппӕджы.
Выбор основного перевода