Уыцы Уд нӕ удимӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн.
Ӕмӕ сымах дӕр куы фехъуыстат ӕцӕгады ныхас, фарны уац уӕ фервӕзыны тыххӕй, ӕмӕ Чырыстийыл куы баууӕндыдыстут, уӕд баиу стут Йемӕ. Хуыцауы адӕм кӕй стут, уый равдисынӕн Хуыцау сымах схайджын кодта, зӕрдӕ Кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Сыгъдӕг Удӕй.