Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕмӕ Йӕ ӕгӕрон хъӕздыгдзинадӕй мах райстам хорзӕх хорзӕхы фӕдыл. Мах куы ӕууӕндӕм, мах дӕр ӕмӕ уыдон дӕр кӕй фервӕздзыстӕм ӕрмӕст Хицау Йесойы хорзӕхы руаджы». Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, ӕмӕ уыцы тӕригъӕдимӕ – мӕлӕт. Афтӕмӕй мӕлӕт сбарджын ӕппӕт адӕмыл, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр тӕригъӕды бафтыдысты. Уӕдӕ иу адӕймаджы тӕригъӕд ӕппӕт адӕмӕн карз тӕрхон куыд расайдта, афтӕ иу Адӕймаджы раст хъуыддаг раст кӕны ӕппӕт адӕмы ӕмӕ сын дӕтты цард. Иу адӕймаджы ӕгоммӕгӕсӕй бирӕтӕ тӕригъӕдджынтӕ куыд систы, афтӕ иу Адӕймаджы коммӕгӕсӕй бирӕтӕ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ.
Выбор основного перевода