Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Колоссянам
1 2 3 4
Параллельные места
Цӕхх хорз у. Фӕлӕ цӕхх цӕхджын куы нӕ уа, уӕд ӕй цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Ӕдзӕхх ма ут ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ цӕрут фидыдӕй». Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ адӕймагӕн йӕ хъуаджы чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи сфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи сӕ фехъуса, уыдонӕн хорзӕхӕн куыд уой, афтӕ. Цӕмӕй сымах скадджын кӕнат нӕ Хицау Йесойы ном, ӕмӕ нӕ Хуыцау ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕхмӕ гӕсгӕ уӕхӕдӕг дӕр скадджын уат Йӕ кадӕй. Зӕрдӕбынӕй кад кӕнут Чырыстийӕн – уӕ Хицауӕн. Уӕ зӕрдӕдарӕны бындурӕй уӕ чи фӕрса, уымӕн кӕддӕриддӕр цӕттӕ ут ӕвӕлмасӕй ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ дзуапп раттынмӕ. Рӕзут нӕ Хицау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй хайджынӕй, тырнут ноджы Йӕ хуыздӕр базонынмӕ. Кад Ын уӕд абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр! Амен.
К Колоссянам
1 2 3 4
Выбор основного перевода