Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Колоссянам
1 2 3 4
Параллельные места
Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын сымахӕн лӕвӕрд у, уыдонӕн та лӕвӕрд нӕу. Ӕмӕ ма ноджы загъд у: «Цин кӕнут Хуыцауы адӕмимӕ, муртаттӕ». Уымӕн ӕмӕ кӕд мӕ ныхмӕлӕуджытӕ бирӕ сты, уӕддӕр мын ис парахатӕй ӕмӕ ӕнтыстджынӕй кусыны фадат. Кувут мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд мын Хуыцау ратта ӕвзаг, ӕмӕ ӕз ныфсджынӕй раргом кӕнон фарны уацы сусӕгдзинад. Рӕхыстӕй бастӕй дӕр ӕз уыцы фарны уацы минӕвар дӕн. Кувут, цӕмӕй йӕ фехъусын кӕнон ныфсджынӕй, куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ. Ӕз хъуамӕ адӕммӕ фӕхӕссон, рагзаманӕй ӕппӕт фӕлтӕртӕ кӕй нӕ зыдтой, ныр та Хуыцау сыгъдӕджытӕн кӕй раргом кодта, Йӕ уыцы сусӕгдзинад. Хуыцауы бафӕндыд, уыцы сусӕгдзинады ӕппӕт адӕмтӕн цы намысы хӕзна ис, уый Йӕ сыгъдӕджытӕн равдисын. Уыцы сусӕгдзинад у, Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры ӕмӕ Йӕ фӕрцы Хуыцауы намысӕй хай райсыныл уӕ зӕрдӕ кӕй дарут, уый. Сӕхӕдӕг дзурынц, куыд ныл сӕмбӕлдыстут, мӕнгхуыцӕуттӕй Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстут, ууыл – сымах систут цардӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн цагъартӕ, Ӕппынфӕстаг, кувут мах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй Хицауы фарны уац ӕнхъӕвза дарддӕр ӕмӕ йын кад кӕной, сымах ын куыд кад кӕнут, афтӕ.
К Колоссянам
1 2 3 4
Выбор основного перевода