Фӕлӕ мӕм мӕ цард ницы кӕсы, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ мын Хицау Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый бакӕнынмӕ – Хуыцауы хорзӕхы уац адӕммӕ фӕхӕссынмӕ.
Кӕд уӕм Тимофей ӕрцӕуа, уӕд бацархайут, сымахмӕ йын ӕдас цӕмӕй уа, ууыл. Уымӕн ӕмӕ уый дӕр, мӕнау, Хицауӕн кусы.