Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй, Хуыцауы уарзтӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Удимӕ иудзинадӕй уеппӕт дӕр ут хайджын. Уӕдӕ ӕз, Хицауы сӕраппонд ахст, курын сымахӕй, цӕмӕй уӕ цард уа, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта, уый аккаг. Иудадзыг ут сӕрныллӕг, ӕвӕлмас, фӕразон, иу иннӕйы уарзӕд, йӕ хъуагдзинӕдтӕм ын нӕ кӕсгӕйӕ. Уӕхи хъарут, Хуыцауы Уд уын цы иудзинад дӕтты, уый бахъахъхъӕныныл; ут фидыд ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ баст. Сымах Хуыцау сӕвзӕрста, стут Йӕ сыгъдӕг ӕмӕ уарзон адӕм. Уӕдӕ ут тӕригъӕдгӕнаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг, ӕвӕлмас ӕмӕ фӕразон.
Выбор основного перевода