Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Иучысыл ӕддӕдӕр рацыд, зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд Мӕ ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕй бахиз. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд». Йесо бацыд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕмӕ сӕ фынӕйӕ куы баййӕфта, уӕд Петрӕн загъта: «Ау, ӕнӕ фынӕйӕ иу сахат Мемӕ нӕ бафӕрӕзтат? Ма ныффынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат. Уд цӕрдӕг у, буар та – ӕдых». Ногӕй та фӕхибар ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕн ӕнӕ баназгӕ нӕй, уӕд Дӕу куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд». Бацыди сӕм ӕмӕ та сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕстытӕ ӕруӕззау сты. Ӕмӕ та сӕ ныууагъта, фӕхибар ӕмӕ бакуывта ӕртыккаг хатт, уымӕй размӕ куыд куывта, афтӕ. Уӕд бацыд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Мӕнӕ ӕрцыди рӕстӕг, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд цӕуы тӕригъӕдджынты къухтӕм. Сыстут ӕмӕ цӕуӕм. Мӕнӕ ӕрбаввахс и Мӕ уӕйгӕнӕг». Уӕд ӕрцыдысты, Гефсимани чи хуынди, уыцы бынатмӕ. Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цалынмӕ бакувон, уӕдмӕ уал ам абадут». Йемӕ ахуыдта Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны, бафтыди мӕлӕтон тасы ӕмӕ райдыдта ӕрхӕндӕг кӕнын. Ӕмӕ сын загъта: «Мӕ уд мӕлӕтон хъынцъым кӕны; фӕлӕуут ам, ма-иу бафынӕй ут». Иучысыл ӕддӕдӕр рацыд, зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ куывта, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, ацы тухӕн ма бавзара: «Аввӕ, Мӕ Фыд, ӕппӕт дӕр у Дӕ бон. Ацы хъизӕмӕртты кӕхц Мын ма бадар. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд». Йесо бацыд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕмӕ сӕ фынӕйӕ куы баййӕфта, уӕд Петрӕн загъта: «Симон, фынӕй дӕ? Ӕнӕ фынӕйӕ иу сахат нӕ бафӕрӕзтай? Ма ныффынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат. Уд цӕрдӕг у, буар та – ӕдых». Ногӕй та фӕхибар ӕмӕ бакуывта, уымӕй размӕ куыд куывта, афтӕ. Бацыди сӕм ӕмӕ та сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕстытӕ ӕруӕззау сты, ӕмӕ Йын цы дзуапп раттаиккой, уый нӕ зыдтой. Бацыди сӕм ӕртыккаг хатт дӕр, ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Ӕгъгъӕд у, ӕрцыди рӕстӕг. Мӕнӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд цӕуы тӕригъӕдджынты къухтӕм. Сыстут ӕмӕ цӕуӕм. Мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг ӕрбаввахс». Йесо рацыд ӕмӕ иннӕ хӕттытау ныр дӕр та араст Елеоны хохмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты Йӕ фӕдыл. Бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын загъта: «Кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат». Дур кӕйонг фехсӕн ис, Йесо уыйбӕрц фӕхибар, ӕрзоныгыл ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд Дын фӕндон разына, уӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхц ма бадар. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ фӕуӕд». [Уӕд Ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ Йӕ удвидар кодта. Утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо куывта зӕрдиагдӕрӕй; ӕмӕ Йӕ хид туджы ӕртӕхтау тагъди зӕхмӕ.] Куывд куы фӕци, уӕд бацыд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ сын мӕт сӕ тых асаста. Йесо сын загъта: «Цы фынӕй кӕнут? Сыстут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат». Ныр Мӕ уд фӕтыхст. Ӕмӕ Ӕз афтӕ зӕгъон: „Мӕ Фыд! Фервӕзын Мӕ кӕн ацы тухӕнӕй"? Ӕмӕ Ӕз ацы тухӕны тыххӕй куы ӕрцыдтӕн.
Выбор основного перевода