Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ӕмӕ, ӕфсымӕртӕ, Хуыцауы Удӕй хайджынтимӕ куыд фӕныхас кӕнынц, мӕ бон уемӕ афтӕ дзурын нӕ уыд. Ӕз уемӕ дзырдтон тӕригъӕдджын мондӕгтӕн коммӕгӕстимӕ дзурӕгау. Уымӕн ӕмӕ уӕ чырыстон уырнындзинадмӕ гӕсгӕ сымах нырма дзидзидайтӕ стут. Ӕз уӕ хастон ӕхсырӕй, хъӕбӕр хӕринаг та уын нӕ лӕвӕрдтон, йӕ бахӕрын уӕ бон кӕй нӕ уыди, уый тыххӕй; ӕмӕ ныртӕккӕ дӕр нӕу уӕ бон йӕ бахӕрын, Ноггуырд сабитау кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдӕ агурӕд удӕн царддӕттӕг сыгъдӕг ӕхсыр – рӕзты хос уын куыд уа уӕ фервӕзынӕн, афтӕ. Йесо йын дзуапп радта: «Ды Израилы адӕмы ахуыргӕнӕг куы дӕ, уӕд ӕй нӕ зоныс? Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг бӕстӕйы, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста цардӕгас ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ ӕрхӕсса махмӕ. Афтӕ мах дӕр: цалынмӕ сабитӕ уыдыстӕм, уӕдмӕ ацы дунейы ӕгъдӕутты цагъартӕ уыдыстӕм. Уӕдӕ ныууадзӕм Чырыстийы ахуырады абетӕ ӕмӕ не 'ргом аздахӕм, хъомылӕн цы ӕмбӕлы, уымӕ. Ма бавналӕм ногӕй бындур ӕвӕрынмӕ – мауал ахуыр кӕнӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕныныл ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндыныл,
Выбор основного перевода