Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Ефесянам
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын сымахӕн лӕвӕрд у, уыдонӕн та лӕвӕрд нӕу. Ӕмӕ сын ныр, Хицау, ӕркӕс се 'ртхъирӕнтӕм ӕмӕ ратт ӕхсар Дӕ цагъартӕн, Дӕ ныхас тынг ныфсджынӕй куыд хъусын кӕной, афтӕ. Махӕн ис ахӕм зӕрдӕдарӕн ӕмӕ архайӕм иттӕг ныфсджынӕй, Фарны уац хъусын кӕныны куысты фыццаг бонӕй суанг абонмӕ кӕй ӕххуыс кӕнут, уый тыххӕй. Сымахмӕ ахӕм хорз хъуыддаг Чи райдыдта, Уый йӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзӕн кӕронмӕ, ууыл ӕууӕндын фидарӕй. Ӕмӕ уеппӕтмӕ дӕр мӕнӕн ахӕм цӕстӕй кӕсын ӕмбӕлы, уымӕн ӕмӕ сымах мӕ зӕрдӕйы стут. Ахӕстоны куы дӕн, фарны уацы сӕрыл куы хӕцын, раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн куы лӕууын, уӕд уеппӕт дӕр мемӕ стут уыцы арфӕйаг хъуыддаджы. Иннӕтӕн та уарзондзинад дӕтты ӕвзаг. Уыдон зонынц: фарны уацы сӕрылхӕцӕгӕй мӕн Хуыцау сӕвӕрдта. Кувут мах тыххӕй дӕр, цӕмӕй нын Хуыцау ратта фадат, ӕз ахӕстоны кӕй сӕраппонд дӕн, Чырыстийы уыцы сусӕгдзинадыл дзурынӕн. Ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бон кӕй нал уыди, уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам, цӕмӕй нӕхӕдӕг баззайӕм Афинты,
К Ефесянам
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода