Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Ефесянам
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Ды йын дзурдзынӕ, цы зӕгъын ӕй хъӕудзӕн, уыцы ныхӕстӕ. Ӕз та дӕуӕн дӕр ӕмӕ уымӕн дӕр дӕтдзынӕн ӕвзаг, ӕмӕ уын цы гӕнгӕ у, уый амондзынӕн. Уӕд Сыгъдӕг Уд Йесойы акодта ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ, цӕмӕй Йӕ ракъаха хӕйрӕг. Уым Йесо дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы дардта ком, ӕмӕ фӕстагмӕ сыстонг. Уӕд Ӕм ӕрбацыди хӕйрӕг ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ». Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй"». Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта сыгъдӕг сахармӕ, ӕрлӕууын Ӕй кодта Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл, Ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи аппар. Уымӕн ӕмӕ фыст у: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу тыххӕй, хӕсдзысты Дӕ сӕ къухтыл, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр нӕ ныццӕвдзынӕ"». Йесо йын загъта: «Фыст у афтӕ дӕр: „Ма къах дӕ Хицау Хуыцауы"». Уый фӕстӕ Йӕ хӕйрӕг акодта тынг бӕрзонд хохмӕ, равдыста Йӕм дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ сӕ намысимӕ, Ӕмӕ Йын загъта: «Дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд сӕ иууылдӕр ратдзынӕн дӕуӕн». Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, хӕйрӕг! Фыст у: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ, ӕмӕ кус ӕрмӕстдӕр Уымӕн"». Уӕд Ӕй хӕйрӕг ныууагъта. Уайтӕккӕ Йӕм ӕрцыдысты зӕдтӕ ӕмӕ Йын кӕстӕриуӕг кодтой. Мах та боны хъӕбултӕ стӕм, ӕмӕ уӕм къӕрцхъус. Уырнындзинад ӕмӕ уарзт не згъӕрхӕдон уӕнт, ныфс нӕ кӕй ис фервӕзынӕй, уый та – не згъӕрхуд. Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас у цӕрдуд ӕмӕ хъомысджын, цавӕрфӕнды дыком цирхъӕй цыргъдӕр: уый ахъары афтӕ, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны зӕрдӕ ӕмӕ уд, ӕрхӕджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, тӕрхон кӕны сусӕг фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн.
К Ефесянам
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода