Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Израилаг адӕмӕн бафӕдзӕхс зетибӕласӕй дын хуыздӕр зети, гагатӕй лӕмӕрст зети, рухсгӕнӕнӕн дӕттын, рухсгӕнӕн иудадзыг куыд судза, афтӕ. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ хъуамӕ сӕ цӕст дарой, цӕмӕй фидыды Чырыны раз ӕмбӕрзӕны ӕддӕрдыгӕй, Фембӕлды Цатыры, Дунедарӕджы раз рухсгӕнӕн судза изӕрӕй райсоммӕ. Израилы адӕм ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ уыцы ӕгъдау хъуамӕ ӕххӕст кӕной мыггагмӕ. Хуыцау загъта Моисейӕн: «Райс хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: натаф, шехелет, хӕрздӕф халван ӕмӕ сыгъдӕг буд – сеппӕтӕй дӕр ӕмбӕрц. Сызмӕнт сӕ бӕстон, ӕмӕ Мын дзы сараз буд нывондхӕссӕныл судзынӕн. Сараз ӕй, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ куыд аразынц, афтӕ – хъуамӕ уа фӕхты хост ӕмӕ сыгъдӕг. Ӕмӕ Захарийӕн, сауджынты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, схауд йӕ хал, ӕмӕ буд судзынмӕ бацыди Хуыцауы Кувӕндонмӕ. Уӕд Захаримӕ фӕзынд Хуыцауы зӕд. Зӕд лӕууыди будсудзӕн нывондхӕссӕны рахиз фарс.
Выбор основного перевода