Нывондхӕссӕн сыгъдӕг кӕн авд боны дӕргъы; снывонд ӕй кӕн Хуыцауӕн, ӕмӕ суыдзӕн иууылсыгъдӕг нывондхӕссӕн. Нывондхӕссӕныл цыдӕриддӕр андзӕва, уый уыдзӕни Хуыцауӕн лӕвӕрд.
Уыцы нывондтӕ хъуамӕ судзай ӕрвылбон ӕмӕ иудадзыг Фембӕлды Цатыры дуары цур, Хуыцауы раз. Уым Ӕз ӕмбӕлдзынӕн сымахимӕ, ӕмӕ дзурдзынӕн демӕ.
Ӕцӕгӕлон адӕймӕгты дзы ма сӕрдут, стӕй цӕмӕйты арӕзт у, уыдонӕй ӕндӕр сӕрдӕн ма аразут.