Фараон ӕхсӕвы басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут махӕй уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ израилаг адӕм дӕр; ацӕут, ӕмӕ куыд дзырдтат, афтӕ нывонд ӕрхӕссут Дунедарӕгӕн.
Израилӕгтӕй домдтой сӕ зӕххӕй куыдтагъддӕр ацӕуын. Мысырӕгтӕ дзырдтой: «Науӕд неппӕт дӕр фӕцагъды уыдзыстӕм».
Мысырӕй кӕй рахастой, уыцы хыссӕйӕ сфыхтой донгонд лауаситӕ; хыссӕйыл ӕнхъизӕн нӕ ныккодтой, уымӕн ӕмӕ сын фӕстиаты амал нӕ уыд – мысырӕгтӕ сӕ ратардтой, ӕмӕ сын фӕндагмӕ сӕхицӕн суанг хӕринаг скӕнын дӕр нӕ бантыст.