Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта Аврамӕн: «Дӕ зӕрдыл бадар: дӕ байзӕддӕгтӕ ӕцӕгӕлон зӕххыл уыдзысты ӕрцӕуӕггӕгтӕ, уыдзысты цагъартӕ ӕмӕ сӕ ссӕнддзысты цыппарсӕдӕ азы. Иосиф йӕ фыд ӕмӕ йе 'фсымӕрты ӕрцӕрын кодта Мысыры, Рамсесы зылды, ӕмӕ сын уым радта хуыздӕр зӕххытӕ, фараон куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Моисей ралӕг. Иуахӕмы рацыд йе 'фсымӕртӕм, ӕмӕ сын федта сӕ уӕззау куыстытӕ. Моисей акаст ӕмӕ уыны: иу мысыраг ын нӕмы йе 'фсымӕры, дзуттӕгтӕй иуы. Хуыцау загъта: «Ӕз федтон Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ хъӕрзын – се 'фхӕрджытӕ сӕ тухӕнӕй марынц. Ӕз сын зонын сӕ удхар. Мысыры паддзах сын загъта: «Моисей ӕмӕ Аарон, адӕмы ӕгуыст цӕмӕн кӕнут? Ацӕут уӕ куыстмӕ». Фараон ма ноджыдӕр загъта: «Ацы адӕм бирӕ сты; сымах та сӕ ӕгуыст кӕнут». Адӕммӕ цӕстдарджытӕн ӕмӕ хицӕуттӕн фараон уыцы бон радта бардзырд: « Уӕдӕ израилаг адӕмӕн зӕгъ: „Ӕз Дунедарӕг дӕн! Мӕ стыр хъаруйӕ ӕгъатырӕй бафхӕрдзынӕн мысырӕгты, ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕндзынӕн – уӕ бӕрзӕйӕ уын сисдзынӕн мысырӕгты ӕфсондз. Сымахӕй Мӕхицӕн зӕгъдзынӕн адӕм, ӕмӕ уын уыдзынӕн Хуыцау; уӕд базондзыстут, Ӕз кӕй дӕн Дунедарӕг, мысыраг ӕфсондз уын уе рагъӕй Чи рафтаудзӕн, уӕ уыцы Хуыцау.
Выбор основного перевода