Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Лиайы лӕппутӕ: Иаковы хистӕр фырт Рувим, Симеон, Левий, Иуда, Иссахар ӕмӕ Завулон. Рахилы лӕппутӕ: Иосиф ӕмӕ Вениамин. Валлӕйы – Рахилы лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы лӕппутӕ: Дан ӕмӕ Неффалим. Зелфӕйы – Лиайы лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы лӕппутӕ: Гад ӕмӕ Асир. Уыцы фырттӕ Иаковӕн райгуырдысты ПадданАрамы. Иаковы фырттӕй Мысырмӕ чи ӕрцыд, мӕнӕ уыдоны нӕмттӕ. Иаков ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ: Иаковы хистӕр фырт Рувим; Рувимы фырттӕ: Ханох ӕмӕ Фаллу, Хецрон ӕмӕ Харми; Симеоны фырттӕ: Иемуил, Иамин, Огад, Иахин, Цохар ӕмӕ Саул, ханаанаг сылгоймагӕй райгуырӕг; Левийы фырттӕ: Гирсон, Кааф ӕмӕ Мерари; Иудайы фырттӕ: Эр, Онан, Шела, Фарес ӕмӕ Зара (Эр ӕмӕ Онан амардысты Ханааны). Фаресы фырттӕ: Есром ӕмӕ Хамул. Иссахары фырттӕ: Фола, Фува, Йов ӕмӕ Шимрон. Завулоны фырттӕ: Серед, Елон ӕмӕ Иахлеил. Уыдон сты, Лиа Иаковӕн ПадданАрамы кӕй ныййардта, йӕ уыцы фырттӕ ӕмӕ йӕ чызг Динӕ; уыцы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ ӕдӕппӕт уыдысты ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз адӕймаджы. Гады фырттӕ: Цифион, Хагги, Шуни, Эцбон, Эри, Ароди ӕмӕ Арели. Асиры фырттӕ: Имна, Ишва, Ишви, Бриа ӕмӕ сӕ хо Серах. Бриайы фырттӕ: Хевер ӕмӕ Малхиил. Уыдоны Иаковӕн ныййардта, Лаван йӕ чызг Лиайӕн кӕй радта, уыцы Зелфӕ – ӕдӕппӕт ӕхсӕрдӕс адӕймаджы. Иаковы ус Рахилы лӕппутӕ: Иосиф ӕмӕ Вениамин. Иосифӕн Мысыры бӕстӕйы райгуырдысты Манасси ӕмӕ Ефрем. Ныййардта йын сӕ Асенафӕ – Оны дины лӕг ПотиФеры чызг. Вениамины фырттӕ: Бела, Бехер, Ашбел, Гера, Нааман, Эхи, Рош, Муппим, Хуппим ӕмӕ Ард. Уыцы фырттӕ Иаковӕн райгуырдысты Рахилӕй – ӕдӕппӕт цыппӕрдӕс адӕймаджы. Даны фырт: Хушим. Неффалимы фырттӕ: Иахцеил, Гуни, Иецер ӕмӕ Шиллем. Уыдоны Иаковӕн ныййардта, Лаван йӕ чызг Рахилӕн кӕй радта, уыцы Валлӕ – ӕдӕппӕт авд адӕймаджы. Иаковимӕ йӕ байзӕддӕгтӕй Мысырмӕ чи ӕрцыд (ӕнӕ йӕ фыртты устытӕй), уыдон ӕдӕппӕт уыдысты ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдз; Стӕй Иаковӕн Мысыры чи райгуырди, уыцы дыууӕ фырты. Афтӕмӕй Мысырмӕ чи ӕрцыд, Иаковы уыцы бинонтӕ уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймаджы.
Выбор основного перевода