Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Зӕгъын уын: алы ӕнӕууылд ныхасы тыххӕй дӕр адӕм тӕрхоны бон ратдзысты дзуапп. Дӕ ныхӕстӕ дӕ сраст кӕндзысты, йе та дӕ ныхӕсты тыххӕй тӕрхонгонд уыдзынӕ». Дзыхмӕ цы цӕуы, уый нӕ чъизи кӕны адӕймаджы, фӕлӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый йӕ кӕны чъизи». Дзыхӕй цы рацӕуы, уый та зӕрдӕйӕ рацӕуы, ӕмӕ уый чъизи кӕны адӕймаджы. Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ рацӕуынц фыдвӕндтӕ, марын, хӕтын, давын, мӕнгӕвдисӕн лӕууын, хахуыр. Ӕмӕ иу ахӕм сывӕллоныл Мӕ номы сӕраппонд зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг. Йесо йын загъта: «Авд хатты онг дын нӕ зӕгъын, фӕлӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзгӕйттӕй авд хатты онг.
Выбор основного перевода