Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут. Какон сындзӕй, мыййаг, сӕнӕфсир ӕртонынц, кӕнӕ ичъийӕ – легъуи?
Афтӕ алы хорз бӕласыл дӕр хорз дыргътӕ ӕрзайы, низджын бӕласыл та ӕвзӕр дыргътӕ ӕрзайы.
Хорз бӕлас ӕвзӕр дыргътӕ не 'рхӕсдзӕн, низджын бӕлас та – хорз дыргътӕ.
Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ баппарынц арты.
Уӕдӕ мӕнгпехуымпарты сӕ хъуыддӕгтӕй базондзыстут.