Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ баныхас кодтой, кӕмӕн куыд йӕ бон у, афтӕ се 'ххуысы хай Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн арвитыны тыххӕй. Ӕмӕ сӕ дзырдӕн разындысты хицау: цы ӕрӕмбырд кодтой, уый Варнавӕимӕ ӕмӕ Савлимӕ арвыстой аргъуаны хистӕртӕм. Петр уый куы бамбӕрста, уӕд араст, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны мад Мариайы хӕдзармӕ. Ам ӕрӕмбырд бирӕ адӕм ӕмӕ куывтой. Бахӕццӕ сты Саламинмӕ ӕмӕ иудейаг синагогӕты амыдтой Хуыцауы ныхас. Семӕ ма ӕххуысгӕнӕгӕй уыд Иоанн дӕр. Павел ӕмӕ йе 'мбӕлццӕттӕ науы ацыдысты Пафӕй, ӕмӕ бахӕццӕ сты Памфилимӕ, Пергийы сахармӕ. Ам Иоанн фӕхицӕн уыдонӕй ӕмӕ ӕрбаздӕхт Иерусалиммӕ. Варнавӕйы фӕндыд, Марк дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны йемӕ акӕнын.
Выбор основного перевода