Кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ ӕрцыдысты ахӕстонмӕ, фӕлӕ апостолты уым не ссардтой. Уӕд раздӕхтысты ӕмӕ загътой:
«Ахӕстон баййӕфтам, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕхгӕдӕй, хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуӕртты цур. Фӕлӕ дуӕрттӕ куы байгом кодтам, уӕд дзы никӕй ссардтам».
Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ алчертӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕджих сты – цы ӕрцыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстой.
Ахӕстоны хъахъхъӕнӕг куы райхъал ӕмӕ дуӕрттӕ гомӕй куы федта, уӕд фелвӕста йӕ кард ӕмӕ хъавыд йӕхи амарынмӕ; ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ ахӕстытӕ алыгъдысты.