Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Адамӕн та загъта: «Дӕ усмӕ кӕй байхъуыстай, ӕмӕ дын Ӕз цы бӕласы дыргъӕй фӕдзӕхстон „Ма дзы бахӕр“, – уыцы бӕласы дыргъӕй кӕй бахордтай, уымӕ гӕсгӕ зӕхх ӕлгъыст у дӕу тыххӕй. Дӕ цӕргӕбонты йыл кӕндзынӕ къӕбӕрамалы фыдӕбон. Хуыцау федта, адӕм зӕххыл бынтондӕр кӕй фехӕлдысты, сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ кӕддӕриддӕр ӕрмӕст фыдӕхмӕ арӕзт кӕй сты, уый. Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доны хъаймӕт, ӕмӕ фесафдзынӕн, арвы бын уд кӕй мидӕг ис, уыдоны сеппӕты дӕр; зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон амӕлдзысты. Ӕз демӕ аразын фидыд: зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон нырӕй фӕстӕмӕ доны хъаймӕтӕй нал фесӕфдзысты; доны хъаймӕтӕй нырӕй фӕстӕмӕ нал бабын уыдзӕни зӕхх». Ӕмӕиу уӕд Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, Ӕз сымахимӕ ӕмӕ алы цӕрӕгойимӕ кӕй сарӕзтон, Мӕ уыцы фидыд; ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ доны хъаймӕтӕй нал фесӕфдзысты, зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон. Фыры ӕнӕхъӕнӕй басудз нывондхӕссӕныл. Уый у иууылсудзинаг нывонд, Хуыцауӕн ӕхцон хӕрздӕф. Уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр бафтыдысты тӕригъӕды ӕмӕ Хуыцауы намысӕй ӕнӕхай сты, Уымӕн ӕмӕ махӕй цӕуы Чырыстийы уацы хӕрздӕф, ӕмӕ уый Хуыцауы кадӕн у. Уыцы хӕрздӕф ӕнхъӕвзы фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытыл дӕр ӕмӕ сӕфты фӕндагыл цӕуджытыл дӕр. Ӕмӕ цӕрут кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, Чырысти мах куыд бауарзта ӕмӕ нӕ сӕраппонд Хуыцауӕн ӕхсызгон хӕрздӕф нывондӕн Йӕхи куыд ӕрхаста, афтӕ. Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.
Выбор основного перевода