Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Адамӕн та загъта: «Дӕ усмӕ кӕй байхъуыстай, ӕмӕ дын Ӕз цы бӕласы дыргъӕй фӕдзӕхстон „Ма дзы бахӕр“, – уыцы бӕласы дыргъӕй кӕй бахордтай, уымӕ гӕсгӕ зӕхх ӕлгъыст у дӕу тыххӕй. Дӕ цӕргӕбонты йыл кӕндзынӕ къӕбӕрамалы фыдӕбон. Зӕхх дын ратдзӕни хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ какон сындз. Дӕ хойраг уыдзӕни быдираг кӕрдӕг. Дӕ цӕсгомыл лӕдӕрсдзӕни дӕ хид, афтӕмӕй амал кӕндзынӕ дӕ къӕбӕр, цы зӕххӕй дӕ скодтон, цалынмӕ дӕ уым бавӕрдӕуа ӕмӕ сыджыт фестай, уӕдмӕ. Уымӕн ӕмӕ ды сыджытӕй конд дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ фестдзынӕ сыджыт».
Выбор основного перевода