Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Хуыцауӕн дӕттут алы хистӕр лӕппуйы дӕр; фосы алы фыццагзад дӕр Хуыцауы хъуамӕ уа. Мадӕй райгуырӕг алы фыццаг фырт дӕр Мӕн у; афтӕ фыццагзад фос дӕр – родӕй уӕрыччы онг – Мӕн сты. Хӕрӕджы фыццаг къӕлӕуы баив уӕрыккӕй. Кӕд ӕй нӕ баивай, уӕд ын йӕ бӕрзӕй асӕтт. Уӕ алы фыццаг лӕппуйы дӕр балхӕнут Мӕнӕй. Мӕ размӕ афтидармӕй мачи цӕуӕд. Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд, ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстгӕнӕг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амарди, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы абон дӕр ма дзуры.
Выбор основного перевода