Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцауы зӕд ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ды ныртӕккӕ ӕнхъӕлцау дӕ; ныййардзынӕ лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном Измаил; уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ сыхъуыстысты дӕ хъизӕмӕрттӕ. Мӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, ӕмӕ Исаак Кӕмӕй тарст, уыцы Хуыцау мемӕ куы нӕ уыдаид, уӕд мӕ ныртӕккӕ арвыстаис афтидармӕй. Фӕлӕ Хуыцау федта мӕ зынтӕ, мӕ къухты фыдӕбон, ӕмӕ дысон рахӕцыди мӕ сӕрыл». Хуыцау загъта: «Ӕз федтон Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ хъӕрзын – се 'фхӕрджытӕ сӕ тухӕнӕй марынц. Ӕз сын зонын сӕ удхар.
Выбор основного перевода