Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз ыл арфӕ бафтаудзынӕн, ӕмӕ дын уымӕй ратдзынӕн фырт; Ӕз ыл арфӕ бафтаудзынӕн, ӕмӕ дзы рацӕудзысты адӕмтӕ, рацӕудзысты дзы адӕмты паддзӕхтӕ». Ревеккӕйӕн загътой арфӕйы ныхӕстӕ: «Нӕ хо! Дӕуӕй райгуырӕнт мингай минтӕ, дӕ байзӕддӕгты бауӕнт се знӕгты сахартӕ». Дӕуӕн кусӕнт адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ уӕнт дӕ дӕлбар; де 'фсымӕртӕн у ӕлдар, дӕ мады лӕппутӕ дын ныллӕг акувӕнт; дӕу ӕлгъитӕг уӕд ӕлгъыст, дӕуӕн арфӕгӕнӕг – арфӕгонд!» Дӕ цард араздзынӕ дӕ цирхъӕй, де 'фсымӕрӕн уыдзынӕ дӕлбар. Фӕлӕ иуафон сыстдзынӕ, ӕмӕ йын йе 'фсондз раппардзынӕ дӕ бӕрзӕйӕ». Уый уа адӕймаджы хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, Хуыцауӕн Йӕхи куыд бафӕнда, афтӕ. Ревеккӕйӕн дӕр уымӕн загъта: «Хистӕр кӕстӕрӕн уыдзӕни цагъар».
Выбор основного перевода