Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
3. Иоанна
1
Параллельные места
Дзӕбӕх кӕнут рынчынты, ӕгас кӕнут мӕрдты, сыгъдӕг кӕнут хъотырджынты, сурут дӕлимонты. Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут. Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл. Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн нӕдӕр искӕй ӕвзистмӕ, нӕдӕр йӕ сызгъӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ. Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, кӕй хъӕуы афтӕ кусын, лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Хицау Йесойы ныхӕстӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын тӕхудиагдӕр хъуыддаг у"». Иннӕтӕн уӕм ахӕм бар кӕм ис, уым мах уыдонӕй барджындӕр не стӕм, ӕви? Уыцы бартӕй мах уӕвгӕ дӕр нӕ пайда кодтам, фӕлӕ быхсӕм алцӕмӕн дӕр, цӕмӕй Чырыстийы фарны уацӕн мацы цӕлхдур сӕвӕрӕм. Фӕлӕ ӕз уыцы бартӕй не спайда кодтон; мӕ фыстӕг дӕр уӕм уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ сӕ пайда кӕнын райдайон. Уый бӕсты мӕ амӕлӕт хуыздӕр уаид! Раппӕлинагӕй мӕм цы ис, уымӕй мӕ ӕнӕхай ничи фӕкӕндзӕн. Уӕдӕ мӕ мызд цы у? Мӕ мызд уый у, ӕмӕ фарны уац хъусын кӕнын лӕвар, ӕмӕ афтӕмӕй фарны уац хъусынгӕнӕджы бартӕй нӕ пайда кӕнын.
3. Иоанна
1
Выбор основного перевода