Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
3. Иоанна
1
Параллельные места
Уарзут зӕрдиагӕй, фыдӕх уын уӕд ӕнӕуынон, тырнут хорз ракӕнынмӕ. Ныууадзӕд фыдӕх ӕмӕ аразӕд хорз хъуыддӕгтӕ, зӕрдиагӕй тырнӕд фидыдмӕ. Ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм куы тырнат, уӕд уын фыдбылыз чи хъуамӕ сараза? Хуыцау раст Хуыцау кӕй у, кӕд иугӕр уый зонут, уӕд алы рӕстгӕнӕг дӕр Уымӕй кӕй райгуырд, уый дӕр хъуамӕ зонат. Чидӕриддӕр Йемӕ баиу, уый тӕригъӕды не 'фты. Тӕригъӕд чидӕриддӕр ракӕны, уый Йӕ нӕ федта ӕмӕ Йӕ нӕ базыдта. Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нал ӕфты, уымӕн ӕмӕ схайджын Хуыцауы цардӕй. Ӕмӕ тӕригъӕды ӕфтын йӕ бон нал у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй райгуырд. Хуыцауы хъӕбултӕй ӕмӕ хӕйрӕджы хъӕбултӕй чи кӕцы у, уый афтӕмӕй базындӕуы: рӕстӕй чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ йе 'фсымӕры чидӕриддӕр нӕ уарзы, уый Хуыцауӕй нӕу.
3. Иоанна
1
Выбор основного перевода