Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Тимофею
1 2 3 4
Параллельные места
Йӕ хицау ын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх ӕмӕ иузӕрдион цагъар! Гыццыл хъуыддаджы уыдтӕ иузӕрдион, стыр хъуыддаг дын бабар кӕндзынӕн. Рацу мидӕмӕ ӕмӕ цин кӕн дӕ хицауимӕ". Кӕй арӕзт хъуыддаг нӕ басудза, уый райсдзӕни хӕрзиуӕг. Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе 'рцыды бонмӕ. Хицау ын баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй йын тӕрхоны бон Хицау уа хатыргӕнӕг. Эфесы дӕр мын цас балӕггад кодта, уый ды хуыздӕр зоныс. Уыцы хорзӕхы руаджы мах зӕрдӕдаргӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, не стыр Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы намыс кӕд раргом уыдзӕн, уыцы тӕхудиаджы бонмӕ. Мах бӕллӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр кӕронмӕ баззайа ахӕм ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕххӕстӕй райса, йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый. Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕйӕн балхӕнӕн нӕй. Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ чи агуры, уыдонӕн хорзӕх кӕй дӕтты, ууыл. Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард. Ӕмӕ Хистӕр Фыййау куы ӕрцӕуа, уӕд райсдзыстут ӕнӕмӕлгӕ намысы хӕрзиуӕг. Мӕ хъӕбултӕ, мачи уӕ асайӕд. Рӕстӕй чи цӕры, уый рӕстгӕнӕг у, Чырысти рӕстгӕнӕг куыд у, афтӕ. Йесо Чырыстийы цагъар Иудӕйӕ, Иаковы ӕфсымӕрӕй, – Фыд-Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ Йесо Чырысти кӕй хъахъхъӕны, уыцы ӕвзӕрстытӕм. Цы хъизӕмӕрттӕ бавзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕн дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕддӕр баззай иузӕрдионӕй ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард.
2. Тимофею
1 2 3 4
Выбор основного перевода